Транскамыл байгом фæндагон змæлд

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæРасчистка снежных завалов на Транскавказской автомагистрали
Расчистка снежных завалов на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгатирыстойнаг фæдагон службæтæ расыгъдæг кодтой трассæ, фæндагон змæлд байгом.

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Фæндагон змæлд Транскавказы магистралыл байгом æртыццæджы 19.00 сахатыл, загътой Sputnik РХИ УУМ пресс-службæйы.

На заблокированном участке Транскама обстреливают лавинные очаги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам сыгъдæг кæнынц зæйтæй

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн иунæг фæндагыл автомобилон змæлд æрæхгæдтой дыццæджы изæрæй. Ӕртыццæджы фæндагон службæтæ фехстой зæй ӕрцæуынӕй тас цы бынæтты уыд, уыдон.

"Нæ цæгатирыстойнаг коллегӕтæ фехъусын кодтой, трассæйыл æдасæй цæуæн кæй ис, уымæ гæсгæ Буронæй Ручъы тоннелы онг фæндаджы хайыл æдасæй цæуы фæнадгон змæлд дыууæрдæм дæр æртыццæджы изæры 19:00 сахатæй фæстæмæ, сæрмагонд барамынды онг", — загътой пресс-службæйы.

Транскавказон магистраль, кæцы цæуы хæххон бынæттыл, у иунæг фӕндаг Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0