Хуссар Иры фыдызгъæлы завод скусдзæн 2017 азы марты

© Sputnik / Ада БагианЗакладка камня под строительство мясоперерабатывающего завода
Закладка камня под строительство мясоперерабатывающего завода - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Компани "Евродон"-ы завод уадздзæн дæс хуызы колбас, йæ продукци æххæсдзæн æппæт республикæйыл.

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Хуссар Иры фыдызгъæлы завод скусдзæн 2017 азы марты, загъта президент Тыбылты Леонид йæ хыгъдон пресс-конференцийы рæстæджы.

Хуссар Иры фыдызгъæлы завод аразы компани "Евродон". Проект сæххæст кæныны хæрдзтæ уæрæсейаг бизнесмен Уанеты Вадимæн слæудзысты 156 милуан сомы.

Хуссар Иры бындур æрӕвæрдтой фыдызгъæлы заводы арæзтадæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бындур æрӕвæрдтой фыдызгъæлы заводы арæзтадæн

"Завод сцæттæ уыдзæн марты, ныридæгæн ласт цæуы ифтонгад. Амалиуæгады кусдзæн 25 адæймаджы æмæ республикæйы ифтонг кæндзæн фыдызгъæлы продукцийæ", — загъта президент.

Завод уадздзæн колбасы дæсы хуызы. Иу сменæ цæттæ кæндзæн дыууæ тонн продукци. Заводы бæстыхай арæзт цæуы Цхинвалы цæгаттаг хайы.

2015-2017 æзты Хуссар Иры эконмикæйы райрæзты нысанæн Уæрæсейы бюджетæй хицæн æрцыд иу миллиард сомы, алы азӕн дӕр фӕйнӕ 300 милуаны бæрц.

Бизнес проекттæ æвзæрст цæуынц экономикон райрæзты министрады, уый фæстæ сæ лæмбынæг сахуыр кæнынц Мæскуыйы Инвестицион агентады, кæцы архайы инвесторты хъусдард раздахын æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы экономикæ райрæзтæн баххуыс кæнын. Амалиуæггæнæг бахæссы проекты аргъы 10%, фæрæзты 90% та Инвестагентады æххуысæй раттынц банктæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0