ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Алайнаг сылгоймæгты моладзандоны райдыдта йæ куыст фæллойадон лагерь, хъусын кæны Дзæуджыхъæуккаг епархийы пресс-службæ.
"Сыгъдæг бынаты кæй фæнды бафыдæбон кæнын, ахæмтæ нæм цæуынц иудадзыг, фæлæ ахæм уæрæх десанттæ расидæм сæрмагондæй. Фыццаг ахæм лагерь бакондæуыд 2010 азы донивылды фæстæ, уæд нæм æххуысмæ æрбатындзыдтой Беслӕны амынӕты чи бахауд, уыдон сæ ныййарджытимӕ, афтæ ма моладзандон 2008 азы августы кæмæн баххуыс кодта, уыдон. Ацы лагеры эффективондзинад æмæ бакæнгæ куыстыты гуырахст уыдысты ахадгæ. Ӕххуысгæнджытæ сæхæдæг дæр дзырдтой, Хуыцауы хæрзиуæгæн лæггадгæнгæйæ, уыдонæн кæй бантыст монон æхцондзинад райсын", — дзырдæуы епархийы хъусинаджы.
Лагеры хайадисджытæ цæрынц моладзандоны территорийыл, Елизаветæйы номыл сывæллæтты центры — уырдæм æрцæудзысты реабилитацимæ сывæллæттæ. Фæллойадон лагеры хæслæвæрдты ис лагеры хæрзарæзтад æмæ сæрдыгон сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ.
Елизаветæйы номыл центр æрбайгом 2007 азы Бесланы теракты амæттæгты реабилитацион æххуысы нысанæн. 2008 азæй фæстæмæ ма центр исы уæззау уавæрты бахаугæ сывæллæтты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны алы районтæй дæр. Центр йæ куыст куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ дзы æххуыс райстой æхсæз мин сывæллонæй фылдæр. Лæггад у æнæаргъ. 2015-2016 азты Центр фæкъаддæр кодта сывæллæтты райст финанскæнынады хъуагдзинады аххосæй. Ацы аз, Фæсарæнты Уæрæсейаг Рæстдинон Дзуары, Берлинаг æмæ Гермайнаг епархиты рæстдинонты мысайнæгты фæрцы центр сæндидзын кæндзæн йæ куыст.