"Остелеком" балæвар кодта iPhone 8 хъазт "Дзур Иронау!"-ы уæлахиздзауæн

© Sputnik / Алексей КовалевМегафон
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахиздзауæй дарддæр ма организатортæ барæвдаудзысты йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik, Гæбæрты Ян. Хуссар Ирыстоны чырон бастдзинады оператор "Мегафон" фехъусын кодта хъазт "Дзур иронау!"-ы уæлахиздзауы ном. iPhone 8 хицау баис Цхинвалы цæрæг Сиукъаты Милена, фехъусын кодтой компанийы æхсæнадимæ бастдзинæдты хайады.

"Сæйраг приз iPhone 8 64 Гб-ыл тох кодтой сæдæ адæймаджы бæрц. Фарстытæ бацæттæ кодтой компанийы кусджытæ филологон зонæдты кандидат Битарты Зояйы æххуысæй. Викторинæ рамыбылта цхинвайлаг чызг Сиукъаты Милена", — загъта компанийы минæвар Кокойты Ека.

iPhone 7 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рамбул iPhone 8: Остелеком расидт хъазт "Дзур иронау"

Уый ма банысан кодта, ирон æвæзаджы райрæзты оххыл хъазт "Дзур Иронау!"-ы фæлгæтты кæй барæвдаудзысты канд уæлахиздзауы нæ, фæлæ ма йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы дæр.

"Уæлахиздзауæн 12-æм скъолайы йæ ирон æвзаджы ахуыргæнæджы дæр фæнд кæнæм барæвдауын. Уымæн азы кæронмæ æнæаргъæй баиу кæндзысты сæрмагонд тариф "Универсальный вип", — бафтыдта Кокойты Ека.

Хъазт цыд 20 боны дæргъы. Ахæм акци "Мегафон — Хуссар Ирыстон" ауагъта фыццаг хатт, уый цæрджыты рдыгæй ссардта бирæнымæц табугæнджыты. Компанийы банысан кодтой, радон викторинæ кæд райдайдзæн, уый нырма бæрæг нæу, фæлæ планмæ гæсгæ уыдон хъуамæ суой традицион.

Ног хабӕртты лентӕ
0