Хуссар Иры студенттӕ хайад райстой ӕппӕтуӕрӕсейон медиа конгрессы

Рафыссын
Ӕрвылаз ноябры мадзалмӕ ӕрцӕуынц студентон ДИФ-тӕ ӕмӕ фӕсивӕдон медиаты разамонджытӕ

ЦХИНВАЛ, 22 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) студенттӕ ӕмӕ студентон телеуынынады кусджытӕ хайад райстой Ӕхсӕнадӕмон студентон телеуынынады ассоциацийы фӕсивӕдон медиайы III Ӕппӕтуӕрӕсейон конгрессы, хъусын кны университеты пресс-службӕ.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон зонады ног ӕмвӕзад: ХИПУ сараздзӕн проектты комплекс

Конгресс, кӕцы цӕуы Мӕскуыйы 19-22 ноябры, дӕтты фадат базонын профессионалтӕй медиайы фӕстаг трендтӕ, сфидар кӕнын бастдзинӕдтӕ индустрийы минӕвӕрттимӕ. Ӕрвылаз ноябры мадзалмӕ ӕрцӕуынц студентон ДИФ-тӕ ӕмӕ фӕсивӕдон медиаты разамонджытӕ.

Хуссар Ирыстоны делегацийы минӕвӕрттӕ загътой бузныг Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректорӕн, фадат сын кӕй радта мадзалы хайад райсынӕн, уый тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0