Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн йӕ арӕн Гуырдзыстонимӕ Фондзбонон хӕсты мысӕн бонты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕн
Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы 7-8 августы ацӕудзысты фыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ сты нывонд 2008 азы хӕсты 11-ӕм афӕдзыбонӕн

ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ арӕн сӕхгӕныны тыххӕй, загътой уагдоны пресс-службӕйы.

"Хуссар Ирыстоны 2008 азы хӕсты 11-ӕм афӕдзыбонӕн нывонд фыдохы мадзӕлттӕ ауадзыны фӕдыл 6 августы 20:00 сахатӕй ӕхгӕд ӕрцӕудзысты Гуырдзыстонимӕ арӕныл фӕрогдӕргонд уадзӕн пункттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, уадзӕн пункттӕ ӕрвылбонон режимы сӕ куыст кӕй сног кӕндзысты 9 августы 6:00 сахатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0