ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Риойы, уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Рӕмонаты Сослан слӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны командӕйы сӕргъ III Ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй "Алантӕ-2019", хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.
Турнир, цы ран хайад райсдзысты уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ 25 бӕстӕйӕ, сӕ нымӕцы спортсментӕ Уӕрӕсе, АИШ, Иран, Монголи, Турк, Греци, Словаки, Гуырдзыстон, Сомих, Узбекистан ӕмӕ Азербайджанӕй, ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 7-8 декабры.
Турниры майдантыл тох кӕндзысты 40 ирон спортсмены.
Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Ӕхсӕнадӕмон турнир "Аланты" организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны хицауад, Хъӕбысхӕсты иугонд дуне ӕмӕ Уӕрӕсейы спортивон хъӕбысхӕсты федераци.