Гататы Лали радзырдта æнахъомты хъомыл кæныны тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanГататы Лали æнахъомты хъомыл кæныны тыххæй
Гататы Лали æнахъомты хъомыл кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады рабадтыл министр Лолаты Асланы хайадистæй, æрдзырдæуыд æнахъом сывæллæтты фарстытыл. Уый тыххæй Sputnik радзырдта рабадты хайадисæг Æнахъомты фæдыл фæткдаруаты сæргълæууæг Гататы Лали.

"Адæймаг куы райгуыры, уæд йæ мидæг вæййы куыд хорздзинад, афтæ æвзæрдзинад дæр. Фæстагмæ фæуæлахиз вæййы сæ иу. Махмæ ис бирæ спортивон секцитæ, фæлæ уым сывæллæттæн хъæуы бамбарын кæнын, спортæй уый тыххæй нæ архайæм æмæ кæйдæр фæнæмæм. Хи хъахъхъæнын – уойы, фæлæ фыццаг дæхæдæг ма хъуамæ бырсай. Уæддæр мах æрцыдыстыæм ахæм хатдзæгмæ æмæ хъæуы семæ ныхас кæнын, цæмæй сывæллон æмбара цы у хорз æмæ цы у æвзæр", - банысан кодта ныхасæмбал.

Куыд ма бафтыдта Гататы Лали, афтæмæй фыццаг фембæлды сывæллон нæ байгом кæны йæ зæрдæ, хъуамæ зона адæймаджы æмæ йыл æууæнда. Уый тыххæй арвиты фадыджы кусджыты, цæмæй зилой хæдзæртты кæртытыл, сывæллæттæн зонгæ кæной сæхи, куы сыл æууæндой, уæд сæхæдæг æртымбыл уыдзысты æмæ алцыдæр радзурдзысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0