Хуссар Иры зонад-иртасӕн институты ацыд Беджызаты Чермены номарӕн конференци

© Sputnik / Natalia Airiyan Зонад-иртасӕн институт
Зонад-иртасӕн институт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны зонад-иртасӕн институты ацыд Беджызаты Чермены номарӕн конференци литературӕйы фадыджы хъӕппӕрисӕй.
Мадзалмӕ ӕрбауазӕг сты РХИ ахуырад ӕмӕ зонады министр Лолаты Аслан, ХИПУ-йы кусджытӕ, республикӕйы астӕуккаг скъолаты ахуыргæнæджытӕ ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ.
Конференци бакодта ХИЗИ сӕргълӕууӕг Гаглойты Роберт арфӕйы ныхасимӕ. Раныхасимӕ ралӕууыдысты ӕртӕ зонадон кусӕджы: Хъазиты Мелитон "Беджызаты Чермен - нывӕфтыд дзырды зӕрингуырд", Биазырты Алла "Символизм Беджызаты Чермены радзырд "Уад асаста гӕдыбӕлас"-ы" ӕмӕ Плиты Серго йӕ темӕ "Фӕдуадзӕн зондахаст".
Конференцийы балхынцъ кӕныны рӕстӕджы республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министр Лолаты Аслан загъта бузныджы ныхас ӕрбамбырдуӕвджытӕ ӕмӕ раныхасгӕнджытӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0