Армлестлер Цхинвалæй рамбылдта "Хъæбатырдзинады кубок"-ы Санкт Петербурджы

© Фото из личного архива Батрадза ПлиеваАрмлестлер Цхинвалæй рамбылдта "Хъæбатырдзинады кубок"-ы Санкт Петербурджы
Армлестлер Цхинвалæй рамбылдта Хъæбатырдзинады кубок-ы Санкт Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik, Плиты Фатима. Хуссарирыстойнаг армрестлер Плиты Батрадз рамбылдта армспортæй ерысты цыппæрæм хатт Гом æфсæддон-патриотикон турниры армрестлингæй "Хъæбатырдзинады кубок"-ы Санкт-Петербурджы.
Ирон спортсмен ралæууыд ерысты Михайловскы æфсæддон артиллерион академийы номæй.
Фæстаг мæйы дæргъы Плиты Батрадз æртыккаг хатт фæуæлахиз ис стыр турнирты. "Хъæбатырдзинады кубок"-ы размæ уый фæуæлахиз "Цæгаттаг Палмирæйы Атланттæ"-йы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты Кубокы.
Ног хабӕртты лентӕ
0