Дун-дуне иронау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2023
Дун-дуне иронау

Дун-дуне иронау. Бонвæрнон

Дун-дуне иронау. Бонвæрнон
Рафыссын
Æрвон буæрттæй Хур æмæ Мæйы фæстæ Бонвæрнонæй тынгдæр ничи рухс кæны. Ирон æвзаджы ма йын ис æндæр нæмттæ: Боброн, Кæрдæджы стъалы, Сæууон стъалы, Райсомы стъалы. Æндæр дыгурон вариант: Бонвæрнæ.
Йæ рæсугъд хуызы тыххæй йæ ромæгтæ схуыдтой Венерæ — афтæ хуынди мифологийы уарзондзинады æмæ рæсугъддзинады ус-хуыцау.
Бонвæрнон фæзыны куы хурыскæсæны, куы та хурныгуылæны горизонты сæрмæ. Уымæ гæсгæ йæ адæм нымадтой дыууæ хицæн стъалытыл. Рагон грекъаг адæм Бонвæрноныл сæвæрдтой дыууæ номы: Геспер — райсомы стъалы æмæ Люцифер — изæры стъалы.
Бонвæрнон æмбæрзт у бæзджын атмосферæйæ. Адæймаг йæ зæрдæйæн ныфсытæ æвæрдта, уыцы рæсугъд æмæ сусæггаг планетæйыл цæрджытæ, кæнæ, æппынкъаддæр, царды нысæнттæ ссарынæй.
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0