Дзæуджыхъæуы ацæудзæн акци "Трамвай памяти" Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилеймæ

© Sputnik / Александр Гальперин /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы ацæудзæн акци "Трамвай памяти" Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилеймæ
Дзæуджыхъæуы ацæудзæн акци Трамвай памяти Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилеймæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Дзæуджыхъæуы майрæмбоны ацæудзæн Æппæтуæрæсейаг патриотикон рухстауæн акци "Трамвай памяти", кæцы нывонд у Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилейæн. Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион.
Мадзал райдайдзæн Сабырады проспектыл Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ улæфты Централон паркы бахизæны цур. Скъоладзаутæн ауадздзысты лекци, кæцыйы фæлгæтты радзурдзысты блокадон Ленинграды цæрджытæ æмæ ветерантæ-блокадникты тыххæй Цæгат Ирыстонæй, афтæ ма горæт-хъайтары символты тыххæй.
Æппæтуæрæсейаг патриотикон рухстауæн акци "Трамвай памяти" райдайдзæн Санкт-Петербурджы. Цæгат Ирыстонæй дарддæр дзы хайад исынц Краснодары край, Омск, Ульяновск æмæ Свердловскы областтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0