Ирыстойнаг дзюдоисттӕ хайад райсдзысты "Большой шлем"-ы этапы Бакуйы

© Photo : Международная федерация дзюдоЦыккаты Зелим
Цыккаты Зелим  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирыстойнаг дзюдоисттӕ Коцойты Зелим ӕмӕ Цыккаты Зелим хайад райсдзысты "Большой шлем" турниры, кӕцы уагъд цӕудзӕн Азербайджаны столицӕ Бакуйы 16-ӕй 18-ӕм фервалмӕ.
Коцойты Зелим архайдзӕн 100 килограммы уӕзы категорийы, Цыккаты Зелим та – 81 килограммы уӕзы категорийы. Дыууӕ спортсмен дӕр хайад исдзысты турниры Азербайджаны командӕйы сконды.
"Большой шлем" у ӕхсӕнадӕмон турнирты сери дзюдойӕ, кӕцытӕ уагъд цӕуынц Дзюдойы ӕхсӕнадӕмон федерацийы Дунеон туры фӕлгӕтты. Бакуйы этап уыдзӕн дыккаг ацы аз, уым хайад райсдзысты 400 дзюдоисты 62 бӕстӕйӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0