Хуссар Иры апрелы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон зонадон конференци

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы аз апрелы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты базӕйыл ацæудзæн VIII ӕхсӕнадӕмон зонадон-практикон конференци "Россия и мир: диалоги-2024". Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Коммуникациты райрӕзты Национ иртӕстыты институты директоры хӕдивӕг зонадон куысты фӕдыл, коммуникацион режимты мониторингы разамонӕг Валентина Комлева.
"Ацы конференци нӕм ацӕуы ӕрвылаз. Мах уадзӕм дискусситӕ ӕрмӕст Мӕскуыйы нӕ, фӕлӕ ма регионалон фӕзуӕттыл дӕр. Ӕмӕ ацы аз Хуссар Кавказы фӕзуат уыдзӕн Цхинвалы", - загъта уый.
Комлева радзырдта, мадзалы хайад кӕй райсдзысты эксперттӕ Уӕрӕсейӕ, афтӕ ма Кавказ ӕмӕ ХПӔ бӕстӕтӕй.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, конференцийы хайадисджытӕ ӕрныхас кӕндзысты ӕнӕбанымад паддзахӕдты бынат ӕмӕ нысаниуӕг нырыккон дунейы, афтӕ ма ӕмгуыстады форматыл ХПӔ фӕлгӕтты ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл, кӕцытӕ хауынц Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ахастытӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0