Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Хуссар Ирӕн Путин ӕмӕ Уӕрӕсе нӕ дих кӕнынц – Гаглойты Алан

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Цалдӕр боны фӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстӕгтӕ Хуссар Ирыстоны хайад райсдзысты Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл хъӕлӕскӕнынады. Ацы ахсджиаг политикон цауӕн ис стыр нысаниуӕг нӕ бӕстӕйы адӕмӕн дӕр. Уый тыххӕй радзырдта РХИ президент Гаглойты Алан йӕ ныстуаны адӕммӕ.
"Хуссар Ирыстоны иууылдӕр ӕмбарынц, куыд уӕззау уавӕр ис дунейы ӕмӕ цы уавӕрты ис куыд нӕ стратегион партнер, афтӕ нӕ паддзахад дӕр. Сӕ цӕдисон хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Хуссар Ирыстоны хӕстонтӕ сӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ сты тохы быдыры Донбасс ӕмӕ Запорожьейы зӕххыл. Мах зонӕм, ӕнӕ тыхджын Уӕрӕсейӕ кӕй нӕ уыдзӕн Хуссар Ирыстон дӕр. Ацы тохы гӕнӕн ис рамбулын, нӕ тыхтӕ куы ӕрбаиу кӕнӕм ӕмӕ куы балӕууӕм иунӕг лидеры фарс, уӕд. Уыцы лидерӕй адӕм уынынц Владимир Владимиры фырт Путины", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, Владимир Путинмӕ кӕй ис ахӕм миниуджытӕ, куыд бӕрндзинад, иузӕрдыгдзинад равзаргӕ хъуыддагӕн, хъӕбатырдзинад, уӕззау историон моментты скъуыддзӕгтӕ исыны зоныдзинӕдтӕ.
Гаглойты Алан фидарӕй загъта, Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ зӕрдӕты ныридӕгӕн кӕй сарӕзтой сӕ равзӕрст.
Ног хабӕртты лентӕ
0