Уæрæсейы Самарайы областы аиуварс кодтой теракт

© Пресс-служба ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы Самарайы областы аиуварс кодтой теракт
Уæрæсейы Самарайы областы аиуварс кодтой теракт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Уæрæсейы тыхон структурæтæ аиуварс кодтой теракт Самарайы областы. Террористон акт нывæндыд сæххæст кæнын "Уырыссаг бархион корпус"-ы фарсхæцæг, уый спырх ис рæмудзæн æрмæджы срæмыгъды фæстиуæгæн, фехъусын кодта РИА Новости.
"Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæ Самарйы областы территорийыл аиуварс кодта террористон акт, кæцы нывæндыд сæххæст кæнын 1994 азы гуырд Уæрæсейы æмбæстаг. Фыдгæнæг уыд "Уырыссаг бархион корпус"-ы фарсхæцæг, кæцы архайы украинæйаг сæрмагонд службæты дæлбар", - дзырдæуы Федералон æдасдзинадлы службæйы æхсæнадон бастдзинæдты Центры хъусинаджы.
Тыхон структурæйы куыд радзырдтой, афтæмæй нæлгоймаг йæ кураторы фæдзæхстæй райста æмбæхсæнæй хиарæзт рæмудзæн æрмæг, цæмæй йæ спырх кодтаид гуманитарон æххуыс исыны пункты бæстыхайы.
Ног хабӕртты лентӕ
0