Югославийы хæсты фыццаг хатт историйы æрыппæрстой америкæйаг "æнæуынгæ" стелс-штурмовик

© AP Photo / Dimitri Messinis Белград
Белград - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik. НАТО-йы хæстон архæйдтыты æртыккаг бон Югославийы ныхмæ, 1999 азы 27 марты, сербаг хъæу Буджановцыйы сæрмæ æрыппæрстой тактикон стелс-штурмовик F-117 Nighthawk.
Историйы уый уыд иунæг хатт, хæстон архæйдыты рæстæджы куы скуынæг кодтой ацы хуызы хæдтæхæг. Йæ аргъ ацы хæдтæхæгæн æд хæстæрмæджытæ уыд дыууæ миллиард сомы бæрц.
"Æнæуынгæ" хæдтæхæг скуынæг кæнынæн пайда кодтой советон системæ С-125 "Нева"-йæ.
НАТО-йы иумæйаг тыхтæ 24 марты райдыдтой хæстон архæйдтытæ Югославийы ныхмæ. 19 бæстæйы Америкæйы сæргълæудæй æнæ ИНО Æдасдзинады Советы барлæвæрдæй райдыдтой бомбæтæ калын Югославийыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0