Парламент райста куырдиат уæрæсейаг коллегæтæм депутатты УФ æмбæстагадæй ацух кæныны фæдыл

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæУФ паспорт
УФ паспорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрæмбоны райста куырдиат Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Думæмæ парламенты æртæ депутаты Уæрæсейы æмбæстагадæй ацух кæныны фæдыл.
Куырдиат хорзыл банымадтой депутатты фылдæр хай.
Февралы депутаттæ Мулдарты Гарри, Санахъоты Давид æмæ Медойты Дзамболат райстой Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйæ документтæ, кæцытæм гæсгæ уыдон æххæст кæнынц архайд, кæцы аразы тæссагдзинад Уæрæсейы националон æдасдзинадæн. Уымæй дарддæр сын тобæ сæвæрдтой Уæрæсейы территоримæ цæуыныл 25 азы дæргъы.
Куырдиаты автортæ банысан кодтой, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæн кæй ис егъау историон бастдзинæдтæ æмæ хæларады традицитæ.
"Республикæйы æмбæстæгты 90 процентæй фылдæр сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ дæр. Уыдон, куыд Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ, хорзыл нымайынц Уæрæсейы къухдариуæгады скъуыддзæгтæ, кæцытæ здæхт сты бæстæйы националон интерестæ хъахъхъæнынмæ. Хуссар Ирыстоны мингай æмбæстæгтæ сты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, цы ран хъæбатырæй тох кæнынц иумæйаг знаджы ныхмæ", - дзырдæуы куырдиаты, кæцы бакаст депутат Санахъоты Давид.
Куырдиаты автортæ курынц æххуыс, цæмæй райсой информаци Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйæ депутатты архайды тыххæй, кæцыйæ уыдон аразынц тæссагдзинад Уæрæсейы æдасдзинадæн.
© Мария СанакоеваПарламенты сесси
Сессия парламента - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2024
Парламенты сесси
Ног хабӕртты лентӕ
0