Украинӕйы кризис гӕнӕн ис рахиза йӕ географион арӕнтӕй, бафӕдзӕхстой Уӕрӕсейы ФХМ

© Sputnik / Maxim BlinovУӕрӕсейы ФХМ
Уӕрӕсейы ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр - Sputnik. Украинӕйы кризис гӕнӕн ис рахиза йӕ географион арӕнтӕй НАТО-йы бӕстӕты авантюрон архайды фӕстиуӕгӕн, фехъусын кодта Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Александр Грушко йӕ интервьюйы РИА Новостийӕн.
Гуршко зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта Францийы президент Эммануэль Макроны ныхӕстӕ ӕфсӕдтӕ арвитыны тыххӕй Украинӕмӕ.
"НАТО-йы бӕстӕты авантюрон архайды фӕстиуӕгӕн Украинӕйы кризис гӕнӕн ис рахиза йӕ географион арӕнтӕй ӕмӕ райса бынтон ӕндӕр масштаб", - фехъусын кодта Грушко.
Уыимӕ иумӕ министры хӕдивӕг бахахх кодта, Уӕрӕсейы ӕдасдзинады тӕссагдзинад НАТО-йы рдыгӕй нӕ баззайдзӕн ӕнӕ дзуаппӕй.
Грушко банысан кодта, Уӕрӕсе ӕмӕ НАТО-йы ахастытӕ "барӕй" кӕй ӕвзӕрдӕр кӕнынц, Вашингтон ӕмӕ Брюсселы диалогы каналтӕ та ӕркодтой критикон ныллӕг ӕмвӕзадмӕ.
Министры хӕдивӕг ма бафтыдта, зӕгъгӕ, 2014 азы апрелы НАТО-йы хайадисӕг бӕстӕтӕ аскъуыддзаг кодтой ӕруромын практикон ӕмархайд Уӕрӕсеимӕ граждайнаг ӕмӕ ӕфсӕддон фадгуыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0