Кæсæг-Балхъары скуынæг кодтой дыууæ фыдгæнæджы, кæцытæ фæнд кодтой сæххæст кæнын теракттæ

 /  Ахизын медиабанкмæКæсæг-Балхъары скуынæг кодтой дыууæ фыдгæнæджы, кæцытæ фæнд кодтой сæххæст кæнын теракттæ
Кæсæг-Балхъары скуынæг кодтой дыууæ фыдгæнæджы, кæцытæ фæнд кодтой сæххæст кæнын теракттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik. Кæсæ-Балхъары столицæ Нальчикы барадхъахъхъæнджытæ скуынæг кодтой дыууæ фыдгæнæджы, кæцытæ фæнд кодтой сæххæст кæнын диверситæ æмæ теракттæ, хъусын кæны РИА Новости.
"Нальчикы горæтгæрон контртеррористон операцийы фæстиуæгæн скуынæг кодтой дыууæ террористы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Националон контртеррористон комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдгæнджытæ уыдысты æхсæнадæмон террористон организацийы сконды æмæ нывæндысты сæххæст кæнын диверсион æмæ террористон акттæ Кæсæг-Балхъары территорийыл.
Тыхон структурæты æхсæн зиæнттæ нæй, граждайнаг цæрджытæй дæр ничи бахъыгдард, бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0