Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ егъау цӕф фӕкодтой украинӕйаг энергообъекттӕ

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæПуск крылатых ракет "Оникс". Архивное фото
Пуск крылатых ракет Оникс. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ егъау цӕф фӕкодтой Украинӕйы энергетикӕйы объекттӕ, хъусын кӕны цыппӕрӕмы Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Киевы режим ӕххӕст кодта бирӕнымӕц фӕлварӕнтӕ ӕрхӕссын зиан Уӕрӕсейы нефтегазон фадыгӕн, уый фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхтӕ дысон ӕхсӕв егъау ӕхст фӕкодтой иттӕг дырыс хӕцӕнгарзӕй, афтӕ ма ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕй Украинӕйы энергетикон объекттӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Хъахъхъӕнынады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, цӕфты нысӕнттӕ сӕххӕст сты, фехӕлд Украинӕйы ӕфсӕддон сӕудӕджерады куыстуатты куыст.
Ног хабӕртты лентӕ
0