Хуссар Иры ацы аз сарæзтой 11 операцийы комырæзынæджы фæдыл – Джыгкайты Томас

© Sputnik / Илья Наймушин /  Ахизын медиабанкмæОпераци
Операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр, уæлдæр категорийы хирург Джыгкатй ыТомас 2024 азы сарæзта 11 операцийы комырæзынæджы фæдыл.
Министры ныхæстæм гæсгæ, операцимæ йæхи ныффысын кæй фæнды, уыдон хъуамæ уый фæдыл бадзурой Республикон бирæпрофилон медицинон центры эндокринологийы хайадмæ.

"Нæ специалисттæ хорз зонынц, кæмæн хъæудзæн саразын операци, кæмæн та нæйы. Уыдон уадзынц æнæмæнгхъæугæ басгæрсттæ, кæцытæ хъæуынц операцийы размæ. Мах сарæзтам пациенттæн рад, фæлæ кæд адæймагæн сбæрæг кодтой рак, уæд уымæн операци арæзт цæуы æнæ радæй", - бахахх кодта Джыгкайты Томас.

Министр ма банысан кодта, алкæмæндæр фадат кæй ис ныффыссын йæхи консультацимæ, пациенттæ ист цæуынц дыццæджы 14.00 сахатæй 18.00 сахаты онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0