ЦӔК радта дыууӕ барлӕвӕрды ӕвзарӕн хыгъдтӕ бакӕныны фӕдыл

© Мария СанакоеваЦӔК
ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) аскъуыддзаг кодта раттын парламенты депутаттӕм дыууӕ кандидатӕн барлӕвӕрдтӕ сӕрмагонд ӕвзарӕн хыгъдтӕ бакӕныны фӕдыл.
Уый размӕ къамис райста документты пакеттӕ фыццаг кандидаттӕй – Уалыты Мурӕт ӕмӕ Коцты Русланӕй, кӕцытӕ раразмӕ кодтой сӕхи 10-ӕм ӕмӕ 4-ӕм иумандатон зылдтӕй.

"Рабадты хайадисджыты хъӕлӕсты фылдӕр хайӕ рахастӕуыд скъуыддзаг, цӕмӕй радтой барлӕвӕрд Уалыты Мурӕт ӕмӕ Коцты Русланӕн сӕрмагонд ӕвзарӕн хыгъд бакӕныны фӕдыл", - дзырдӕуы ЦӔК официалон сайтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0