Цхинвалы ацыд инвестицион нывӕсты фӕдыл штабы рабадт

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Инвестицион нывӕсты ӕххӕст кӕныны фӕдыл штабы рабадт ацыд Цхинвалы майрӕмбоны.
Уынаффӕ цыд 2023 азы нывӕст куыд ӕххӕст ӕрцыд ӕмӕ ног нывӕстмӕ цӕттӕгӕнӕн этапыл. Банысан ӕрцыд Хуссар Ирыстоны ивгъуыд азы нывӕст ӕххӕст кӕй ӕрцыд 95 процентӕй фылдӕр. Рабадт уагъта хицауады сӕрдар Джуссойты Константин.
"Мах ног азӕй фӕстӕмӕ нал ныхас кодтам ацы фарстытыл. Абон дзурдзыстӕм 2023 азы нывӕст куыд ӕххӕст ӕрцыд, ууыл. Бирӕ нын бантыст, фӕлӕ ма дзы аразинӕгтӕ дӕр бирӕ ис. Уынаффӕ ма цӕудзӕн фидӕны нывӕстыл", - загъта премьер.
Инвестицион нывӕсты ӕххӕст кӕныны фӕдыл штабы рабадты Цхинвалы ма дзырд цыд Зонкъары донӕмбырдгӕнӕны цалцӕг кӕныныл ӕмӕ 2023-2025 азты Инвестицион нывӕстмӕ цӕттӕ кӕныны фарстытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0