Тӕрхондон адарддӕр кодта иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ Дзабиты Иналы хъуыддаджы фигурантты ахӕст

© Sputnik / Наталья АйриянТӕрхондон
Тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Тӕрхондон адарддӕр кодта иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ Дзабиты Иналы хъуыддаджы фондз фигуранты ахӕст. Джиоты Андрей, Бибылты Джумбер, Хуыгаты Марат, Сланты Ирбег ӕмӕ Къозонты Сергейы ахӕсты ног ӕмгъуыд ахӕсдзӕн 2024 азы 27 маймӕ, уымӕй размӕйы скъуыддзаджы рӕстӕг фӕуд кӕны 27 апрелы.
Адвокаттӕ домдтой, цӕмӕй тӕрхондон уыдон ныхмӕ ист мадзал раива республикӕйӕ ӕддӕмӕ ма ацӕуыны дзырдӕй. Ацы куырдиат ма фигуранттӕй иу Джиоты Андрейы адвокат баххӕст кодта, кӕй хъахъхъӕны, уымӕн ахӕсты рӕстӕг йӕ ӕнӕниздзинад кӕй фӕцудыдта. Фӕлӕ уыцы аргументтӕ Цхинвалы горӕты тӕрхондоны коллеги ахсджиагыл нӕ банымадта.
Цхинвалы горӕты тӕрхондоны коллеги къуыри дыууӕ хатты уадзы рабадтытӕ - къуырисӕр ӕмӕ цыппӕрӕмты Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл. Тӕрхондоны ӕркастты рӕстӕг бафарстӕуыд 100 ӕвдисӕнмӕ ӕввахс. Ныридӕгӕн тӕрхондон ацы хъуыддаджы йӕ куысты хизы ног стадимӕ - дыууӕ фарсы быцӕу уынаффӕтӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0