Хуссар Иры МХМ кусджытӕн басгӕрстой сӕ фӕразондзинад марш-бросокы рӕстӕджы

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МХМ кусджытӕн басгӕрстой сӕ фӕразондзинад марш-бросокы рӕстӕджы
Хуссар Иры МХМ кусджытӕн басгӕрстой сӕ фӕразондзинад марш-бросокы рӕстӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik. Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты органты дӕлхайӕдты кусджытӕн басгӕрстой сӕ цӕттӕдзинад ӕмӕ фӕразондзинад марш-бросокы рӕстӕджы, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ сӕххӕст кодтой марш-бросок Тъбеты хъӕуӕй Зармӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ. Афтӕ ма 8-километрон марш-бросок Хурзӕрин-Прис маршрутыл сӕххӕст кодтой ӕнӕведомствӕйон хъахъхъӕнынады фӕткдаруаты кусджытӕ хӕстон экипировкӕ ӕмӕ табелон хӕцӕнгарзимӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, ахӕм тренировкӕтӕ уагъд цӕудзысты МХМ ӕндӕр дӕлхайӕдты дӕр, цӕмӕй басгарой кусджыты физикон цӕттӕдзинад ӕмӕ фӕразондзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0