Гаглойты Алан раарфӕ кодта Хуссар Иры сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты фадыджы кусджытӕн

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik. Сӕудӕджерад ӕмӕ инфраструктурӕ сты Хуссар Ирыстоны экономикӕйы ахсджиаг цӕгтӕ, сӕ ӕнтыстджын куыстимӕ баст у республикӕйы дарддӕры динамикон райрӕзт, банысан кодта президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы телы сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты фадыджы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.

"Фыдыбӕстон продукци мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон базарты фӕфылдӕр кӕнын, ног заводты баконд, транспортон хӕдзарады райрӕзт – уыдон сты хӕслӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ хъӕуы иумӕйаг тыхтӕй аскъуыддзаг кӕнын", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Президент бузныг загъта сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты фадыджы кусджытӕн сӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0