Цхинвалы сӕнусон кодтой фыссӕг Плиты Ильяйы ном

© Фатима ПлиеваЦхинвалы сӕнусон кодтой фыссӕг Плиты Ильяйы ном
Цхинвалы сӕнусон кодтой фыссӕг Плиты Ильяйы ном - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы сӕнусон кодтой поэт, фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ публицист Плиты Ильяйы ном. Йӕ хӕдзары къулыл Советон уынджы уымӕн бакодтой мемориалон фӕйнӕг.
Мадзалмӕ ӕрӕмбырд сты интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, Плиты мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзты кусджытӕ.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕ раныхасты дзырдтой йӕ уӕззау цардвӕндаг, сфӕлдыстад ӕмӕ хорз миниуджытыл.
"Уый уӕззау фӕндӕгтыл рацыд. Йӕ фыд тох кодта Уӕрӕсейы империйы хӕсты, йӕхӕдӕг та авд азы кары бавзӕрста 1920 азы геноцид. Плиты Илья хауы уыцы стӕм ирон фысджытӕм, кӕцытӕ ирон литературӕйы ныууагътой геноциды тыххӕй уацмыстӕ. Ӕмткӕй та йын мыхуыры рацыд 27 чиныджы бӕрц", - радзырдта йӕ хӕлар, ХИПУ-йы ирон литературӕйы профессор Плиты Гацыр.
Мадзалы ралӕууыд Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон, уый ӕрӕмысыд Плиты Ильяйы куыд сабыр, хӕларзӕрдӕ гоймагӕй, кӕцы йӕ уӕздандзинадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ критикӕ дӕр уарзта.
Фыссӕджы чызг Зӕлинӕ бузныг загъта мадзалмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн ӕмӕ ма рахицӕн кодта мемориалон фӕйнӕг кӕй фӕрцы рацыд гом, уыдон нӕмттӕ: Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, культурӕйы министрад ӕмӕ Фысджыты цӕдисы.
Ног хабӕртты лентӕ
0