Хуссар Иры Куадзæнмæ уыдзысты дæргъвæтин улæфт бонтæ

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Иры Куадзæнмæ уыдзысты дæргъвæтин улæфт бонтæ
Хуссар Иры Куадзæнмæ уыдзысты дæргъвæтин улæфт бонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Куадзæнмæ улæфдзысты æртæ боны фæд фæдыл – республикæйы президент Гаглойты Алан рахаста барамынд, кæцымæ гсæгæ бæрæгбоны фæстæ бон – къуырисæр, 6 май уыдзæн улæфт бон.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны 2024 азы 5 майы Куадзæны бæрæгбоны цытæн рахастон уынаффæ: расидын 2024 азы 6 май улæфт бон", - дзырдæуы документы.
Афтæмæй республикæйы цæрджытæ улæфдзысты æртæ боны – сабат, хуыцаубон æмæ къуырисæр (4, 5 æмæ 6 май).
Ног хабӕртты лентӕ
0