Хуссар Иры фӕсчъылдымы кусджытӕн радтой арфӕйы телтӕ Путинӕй Уӕлахизы боны цытӕн

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæПоздравление с Днем Победы. Архивное фото
Поздравление с Днем Победы. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 май - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин арвыста арфӕйы телтӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 79-ӕм афӕдзы боны цытӕн фӕсчъылдымы кусджытӕн, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны Уӕрӕсейы минӕварады пресс-службӕ.
"Уӕлахизы боны хӕдразмӕ Уӕрӕсейы минӕварады дипломаттӕ Хуссар Ирыстоны радтой арфӕйы телтӕ Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путины номӕй фӕсчъылдымы кусджытӕн Стыр фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны "Ветеранты цӕдис"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы цӕрынц фӕсчъылдымыл ӕртыны бӕрц кусӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0