Цӕгат Ирыстон равзӕрста ног сӕргълӕууӕджы

© Фото из архиваӔгъуызарты Тамерлан
Ӕгъуызарты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕгъуызарты Тамерланы кандидатурӕимӕ сӕ разыдзинад равдыстой 66 депутаты.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Ӕгъуызарты Тамерлан ӕвзӕрст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕгӕй. 66 депутаты сӕ разыдзинад равдыстой ацы кандидатурӕйыл, ныхмӕ схъӕлӕс кодта ӕрмӕстдӕр иу, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Нырмӕ Ӕгъуызарты Тамерланы ӕххӕст кодта РЦИ-А сӕргълӕууӕджы хӕстӕ. Республикӕйы къухдариуӕггӕнӕджы бынатмӕ цыдысты Ӕгъуызарты Тамерлан, Елена Князева ӕмӕ Бокъоты Эльбрус.

Ӕгъуызарты Тамерлан бузныджы ныхӕстӕ загъта депутаттӕн сӕ ӕууӕнчы тыххӕй ӕмӕ ныфс бавӕрдта, ӕппӕтдӕр кӕй сараздзӕн, цӕмӕй сын се ‘ууӕнк ма фӕсайа. Уый ма банысан кодта, кӕй ӕмбары, цы стыр бӕрн райста йӕхимӕ.

"Ӕз сидын республикӕйы ӕппӕт тыхтӕм дӕр, цӕмӕй хицауады фарс ӕнгом балӕууой ӕмӕ архайой республикӕйы размӕцыдыл", — загъта республикӕйы ног сӕргълӕууӕг.

Ӕгъуызарты Тамерлан райгуырд 14 июны 1963 азы Цӕгат Ирыстоны горӕт Алагиры. Юриспруденцийы хаххыл фӕцис университет Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ аспирантурӕ Мӕскуыйы. Ивгъуыд азты куыста Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдарӕй, 2011 азӕй фӕстӕмӕ уыд Паддзахадон Думӕйы депутат. 5 июны 2015 азы УФ президент Владимир Путин Ӕгъуызарты Тамерланы снысан кодат РЦИ-А сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0