Дзæуджыхъæуы гимнази æмæ уынгæн лæвæрд æрцæудзæн Æгъуызарты Тамерланы ном

© Sputnik / Дзерасса БиазартиДзæуджыхъæуы уынгтæй сæ иу
Дзæуджыхъæуы уынгтæй сæ иу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ цæттæ кæнынц электронон куырдиат республикæйы хицæутты номыл, цæмæй Дзæуджыхъæуы 28-æм гимназийæн лæвæрд æрцæуа Æгъуызарты Тамерланы ном.

ЦХИНВАЛ, 25 фев — Sputnik. Æгъуызарты Тамерланы ном лæвæрд æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы гимнази æмæ уынгæн, хъусын кæны 15 регион.

"Ахæм скъуыддзæгтæ хæссы администрацийы цур сæрмагонд топонимикон къамис, фæлæ адæмы фæндон хынцгæйæ, æз ратдзæн рекомендаци, цæмæй къамис куыд тагъддæрæй æвæрццагæй аскъуыддзаг кæна ацы куырдиат. Мах, хицауад, хъуамæ нымадмæ исæм адæмы фæндон", — загъта горæты бынæттон хæдразамынады сæргълæууæг Албегаты Борис.

Цæгат Ирыстоны цæрджытæ цæттæ кæнынц электронон курдиат республикæйы хицæутты номыл, цæмæй Дзæуджыхъæуы 28-æм гимназийæн лæвæрд æрцæуа Æгъуызарты Тамерланы ном.

Æгъуызарты Тамерлан Цæгат Ирыстоны сæргълæууæгæй нысан æрцыд 2015 азы сентябры, амард 19 февралы мæскуыйаг рынчындоны. Уый рынчындонмæ бахауд пневмониимæ. Конституци æмæ федералон закъондæттынадмæ гæсгæ, УФ-йы президенты указы онг, республикæйæн къухдариуæг кæндзæн Цæгат Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Ног хабӕртты лентӕ
0