Цæгат Иры командæ ацæудзæн Минскмæ цыргъзонд фӕсивӕды хъæзтытæм

© Архивное фотоЦхинвалы командæ "КВН 16+"
Цхинвалы командæ  КВН 16+ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыргъзонд æмæ хъæлдзæг фæсивæды (ЦХФ) æхсæнадæмон цæдисы ног сезон ирон командæйæн райдыдта æнтыстджынæй, фехъусын кодта РЦИ-Аланийы ЦХФ-ы театры директор Плиты Сослан.

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Цыргъзонд æмæ хъæлдзæг фæсивæды (ЦХФ) æхсæнадæмон лигæйы хъæзтытæ райдайдзысты марты æмбисы Белоруссийы столицæ — Минскы. Цæгат Иры командæ "На характере" ралæудзæн финалы 1/8, кæцы уырдæм бахауд Сочийы фестивалы æнтыстджын архайды фæстæ.

"Уый тынг престижон лигæ у, кæцыйæ командæтæ бахауынц Фыццаг каналы Премьер лигæ æмæ Уæлдæр лигæмæ. 5 марты нæ командæ ауадздзæн йæ фыццаг хъазт ЦХФ-ы æхсæнадæмон лигæйы фæлгæтты. Сæ развæдгæнджытæ — "Дзæуджыхъæуккаг ирвæзынгæнджытæ" дæр хайад истой минскы Евролигæйы", — фехъусын кодта Плиты Сослан.

"Серьезон" сезоны хъазтмæ ма балцæг райста иу командæ — хæххон-металлургон институты командæ "Соло". Æввахс рæстæджы командæ райсдзæн хайад Мæскуыйы лигæйы командæты æвзæрстон фестивалы. Афтæ ма ЦИПУ-ы æмбырдгонд марты кæрæтты ацæудзæн Бакуйы регионалон лигæйы хъæзтытæм, кæцыйы амонæг у Масляков-кæстæр, йæ редактор та у Дмитрий Колчин.

"Уый у ЦХФ-ы цæдисы Централон лигæ — тынг престижон, бæрзонд конкуренциимæ æмæ мæ ныфс ис, нæ архайджытæ ӕнтыстджынæй кæй равдисдзысты сæ "цыргъзонд æмæ хъæлдзæгдзинад" ӕмӕ кæй ахиздзысты централон лигæйы сезонтæй иумæ. Уымæ гæсгæ, нæ командæтæ хайад исдзысты алы æмвæзады лигæты дæр", — загъта ЦХФ-ы театры директор.

Ирон ЦХФ-ы историйы ныртæккæ сæвзæрд тынг цымыдисон уавæр — æртæ командæйы хъазынц æппæт æмвæзадты лигæты: Регионалон, Централон æмæ Телеуынынадон.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 21 марты РЦИ-Аланийы баконд æрцæудзæн Аланийы Регионалон лигæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0