Гуырдзыстоны арв цы туристкӕйы ныццавта, уый агуры Цӕгат Иры УУМ

© Sputnik / Олег Ласточкин /  Ахизын медиабанкмæКавказ
Кавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй Хъазбегмӕ сцыд цы туристты къорд арӕзта, уыдон ныццавта арв. Уый фӕстиуӕгӕн чызджы фехстӕуыд УФ-йы территоримӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнджытӕ вертолетты ӕххуысӕй агурынц уӕрӕсейаг туристты Хъазбеджы хохыл.

Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы пресс-службӕ дыццӕджы фехъусын кодта, хохмӕ сцыды рӕстӕджы Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй зиан кӕй баййӕфта мӕскуыйаг туристкӕ. Развӕлгъау зонӕнтӕм гӕсгӕ, уый ныццавта арв, цӕй фӕстиуӕгӕн чызджы фехстӕуыд УФ-йы территоримӕ

"Вертолет МИ-8 экипажӕн фехъусын чындӕуыд туристкӕйы ориентирон координатӕтӕ. Фехъусын сӕ кодта къорды хайадисӕг, кӕцыйы сконды уыд чызг дӕр. Цы туристимӕ бантыст бастдзинад саразын, уый фидарӕй дзуры, кӕй уыны чызджы. Уый йе мбӕлттимӕ ис Хъазбеджы хохы къуылдымыл Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй", — фехъусын кодта ӕртыццӕджы УУМ.

Уагдоны банысан кодтой, ацы координатӕтӕ кӕй фӕкъаддӕр кӕндзысты агуырды фӕзуат.

"Райсомӕй сарызтӕуыд дыууӕ атахты, фӕлӕ дзы иу дӕр фӕстиуджытӕ нӕ радта. Ныртӕккӕ вертолет раздӕхт ӕртаг кӕнынмӕ, уый фӕстӕ бацагуырд адарддӕр уыдзӕн, кӕд нӕ боныгъӕд бауадза, уӕд", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Цӕгат Иры агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорд, афтӕ ма Уӕрӕсейы УУМ авиацион-ирвӕзынгӕнӕн центры 2 ирвӕзынгӕнӕджы сты цӕттӕ бахъуыды рӕстӕджы ӕххуысмӕ ӕрцӕуын. Уымӕй дарддӕр ма йӕ куыст кӕны цӕгатирыстойнаг ирвӕзынгӕнджыты уӕлдӕфон къорд. Ныртӕккӕ уыдон сты денджызы ӕмвӕзадӕй 3100 метры бӕрзӕндӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0