Цӕгат Иры аварийы бахауджытӕй дыууӕ сывӕллоны сты реанимацийы

© SputnikАвария на трассе Владикавказ-Беслан
Авария на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Автобус Мӕскуы – Ереван сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕйыл Цӕгат Ирыстоны "Беслӕн- Дзӕуджыхъӕу" фӕндаджы ӕстӕм килеметрыл, фондз адӕймаджы фӕмарды сты. 27 баййӕфтой зиан, се ′хсӕн ис сывӕллӕттӕ 10 -15 азы кары.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Дыууӕ сывӕллоны бахаудтой реанимацимӕ Цӕгат Ирыстоны стыр фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн, сӕ уавӕр у уӕззау, фехъусын кодта РИА Новости республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Цидайты Татьяна.

Авария на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фондз адӕймаджы фӕмард сты, 27 баййӕфтой зиан аварийы Цӕгат Ирыстоны

Раздӕр УУМ-ы фехъусын кодтой, Цӕгат Ирыстоны трассӕйыл Мӕскуыйӕ Ереванмӕ цӕуӕг автобус уӕзласӕн машинӕйыл кӕй сӕмбӕлд, уый фӕстиуӕгӕн фӕмард сты фондз адӕймаджы, 27 сты рфнчындоны. Уыдонӕй цыппар сты сывӕллӕттӕ 10-15 азы кары. Беслӕны культурӕйы хӕдзары баконд ӕрцыд рӕстӕгмӕ ӕрбынаты пункт, ныртӕккӕ уал уым ис 14 адӕймаджы, зиан чин ӕ баййӕфта, уыдон.

"Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 11 адӕймаджы схуыссын кодтой рынчындоны, астӕн баконд ӕрцыд ӕххуыс исӕн хайады, цыппарӕн аразынц операцитӕ, сӕ уавӕр зӕгъын нырма нӕ бон нӕу. Дыууӕ сывӕллоны сты уӕззау уавӕры реанимацийы", — загъта министры хӕдивӕг.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, автобусы уыд 50 адӕймагмӕ ӕввахс. Ведомствӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, медицинон уагдӕттӕм фӕхӕццӕ кодтой фондз сывӕллоны. Афтӕ ма пресс-службӕйы фехъусын кодтой, тагъд ӕххуысы рынчындоны кӕй сты дыууӕ адӕймаджы, республикон клиникон рынчындоны — 19. Сывӕллӕтты ракодтой сывӕллӕтты республикон клиникон рынчындонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0