Аварийы бахауджыты фӕхӕццӕ кӕндзысты Сомихстонмӕ УУМ-ы хӕдтӕхӕгыл

© SputnikАвария на трассе Владикавказ-Беслан
Авария на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, автобусы уыд 50 адӕймагмӕ ӕввахс, уыдонӕй фондз адӕймаджы фӕмард сты, 27 ӕрцыдысты госпитализаци, се ‘хсӕн цыппар сывӕллоны 10-15 азы кары.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. УУМ-ы хӕдтӕхӕг ӕртӕхдзӕн Цӕгат Ирыстонмӕ, цӕмӕй фӕхӕццӕ кӕной ФТЦ-ы зианбаййафджыты Сомихстонмӕ, фехъусын кодта РИА Новости Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы минӕвар.

Авария на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры аварийы бахауджытӕй дыууӕ сывӕллоны сты реанимацийы

Цӕгат Ирыстоны трассӕйыл Мӕскуыйӕ Ереванмӕ цӕуӕг автобус уӕзласӕн машинӕйыл кӕй сӕмбӕлд, уый фӕстиуӕгӕн фӕмард сты фондз адӕймаджы, 27 сты рынчындоны. Уыдонӕй цыппар сты сывӕллӕттӕ 10-15 азы кары.

Беслӕны культурӕйы хӕдзары баконд ӕрцыд рӕстӕгмӕ ӕрбынаты пункт, ныртӕккӕ уал уым ис 14 адӕймаджы, трагеди кӕй нӕ бахъыгдардта, уыдон.

Аварийы бахауджытӕн сӕ фылдӕр сты Сомихстоны ӕмбӕстӕгтӕ.

"Абон ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм УУМ-ы бортмӕ, цӕмӕй аварийы бахауджыты фӕхӕццӕ кӕной Сомихстонмӕ", — загъта агентады дзырдӕмбал.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, автобусы уыд 50 адӕймагмӕ ӕввахс. Ведомствӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, медицинон уагдӕттӕм фӕхӕццӕ кодтой фондз сывӕллоны. Афтӕ ма пресс-службӕйы фехъусын кодтой, тагъд ӕххуысы рынчындоны кӕй сты дыууӕ адӕймаджы, республикон клиникон рынчындоны — 19. Сывӕллӕтты ракодтой сывӕллӕтты республикон клиникон рынчындонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0