Скоков: фæндагон змæлды организаци хъæуы бындуронæй ивын

© Sputnik / Наталья АйриянВладикавказ
Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны 2016 азы фæфылдæр ис мæлæтхæссæг фæндагон-транспортон цауты нымæц, цы хъæуы саразын республикæйы æдас змæлды тыххæй, ууыл дзырдтой МХМ-ы

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Болататы Алина. Фæндагон змæлды организаци Дзæуджыхъæуы хъæуы раивын бындуронæй, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у горæты фæндæгтыл змæлды проблемæ ныридæгæн скъуыддзаг кæнын. Дзæуджыхъæу уæрæхæй уæрæхдæр кæны, уымæ гæсгæ фæстæдæр зындæр уыдзæн ацы проблемæ райхалын. Уый æмрæстæджы фæндагыл уагæвæрд бахъахъхъæныны тыххæй хъæуы змæлды организаци нырыккон уавæртæм сфæлтæрын.

"Уæд æдæрсгæйæ æмæ æнцонвадатæй уыдзæн цæуæн горæты уынгты", — бахахх кодта Скоков.

Цæгат Ирыстоны столицæйы машинæты æнæраст парковкæйы тыххæй комментаритæ аразгæйæ та Михаил Скоков банысан кодта, проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй кæй хъæуы æмбæстæгтæн саразын фадæттæ фæндагон змæлды уагæвæрд æххæст кæнынæн.

Патрон 7Н31 с броневой пулей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы полицӕйаджы чи æхста, уый ныхмæ бакондӕуыд уголовон хъуыддаг

Михаил Скоков ма загъта, республикæты фæндæгтыл авариты нымæц фæкъаддæр кæныны фæдыл программæтæ финансгонд кæй нæ цæуынц. Уый æрсидт хицауад æмæ республикæйы сæргълæууæгмæ "фæндагон змæлды æдасдзинады пайдайæн мадзæлттæ райсын".

"Ацы азæн нын фæндагон змæлды профилактикæйы программæтæн бынтондæр нæй финанскæнынад. Алы программæйæн дæр хъуамæ уа æмбæлон финанскæнынад. Тынг хорз æй æмбарæм, цы фæстиуæг сын уыдзæн æнæ фæрæзтæй", — банысан кодта министр.

Уыимæ иумæ хицауады сæргълæууæджы хæдивæг Томайты Ирбег банысан кодта, "2017 азæн Цæгат Ирыстоны бюджеты кæй ис æвæрд 105 млн 500 мин сомы фæндагон змæлды уагæвæрды фото æмæ видеофиксацийы системæ эксплуатацимæ раттыны тыххæй".

МХМ-ы зонæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны 2016 азы мæлæтхæссæг фæндагон-транспортон цауты нымæц фæфылдæр ис 6%-ы бæрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0