Егъау авари Цæгат Иры: фæмард сты æртæ адæймаджы, се хсӕн сывæллон

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæСкорая помощь
Скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппар машинæйы кæрæдзийыл ныццавды фæстиуæгæн фæмард æртæ адæймаджы, уыдон нымæцы 11-аздзыд сывæллон, ноджы ма иу 18-аздзыд чызг ис критикон уавæры реанимацийы

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Кировы районы æрцыд авари цыппар машинæйы хайадистимæ. Фæмард сты æртæ адæймаджы, уыдон нымæцы 11-аздзыд чызг. Ноджы ма иу 18-аздзыд чызг ис критикон уавæры рынчындоны реанимацион хайады, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Ведомствæйы информацимæ гæсгæ, трагеди æрцыд æртыццæджы бонæй трассæ "Кавказыл" Кировы районы. Рог машинæ сæмбæлд æртæ уæзласæн машинæйыл.

"Фæндагон фыдбылызы фæстиуæгæн фæмард сты рог машинæйы шофыр æмæ йæ пассажиркæ. Рынчындоны реанимацион хайадмæ фæхæццæ кодтой ноджы дыууæ пассажиркæйы. 11-аздзыд чызг фæмард, йæхимæ æнæ ′рцæугæйæ. 18-аздзыд чызг ис критикон уавæры", — дзырдæуы уагдоны пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.

Аварийы бынаты кусынц полицийы районон хайады кусджытæ, бæлвырд цæуынц ФТЦ-ы æууæлтæ иууылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0