Цæгат Иры амард йæ цардæмбал фыднад кæй фæкодта, уыцы сылгоймаг

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль Скорой медицинской помощи
Автомобиль Скорой медицинской помощи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы Республикон клиникон рынчындоны амард 26-аздзыд сылгоймаг. Уый бахауд рынчындонмæ, йæ цардæмбал – 34-аздзыд ФПС-ы инспектор æй куы фæнадта, уый фæстæ

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны РКР-ы реанимацийы амард дзæуджыхъæуккаг 26-аздзыд сылгоймаг, кæцыйы фæнадта йæ цардæмбал — полицийы кусæг, хъусын кæны 15 регион республикæйы слестгæнæн комитеты пресс-службæйы информаци.

Цæгат Ирыстоны ФПС-ы кусæг фæнадта йæ цардæмбалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны ФПС-ы кусæг фæнадта йæ цардæмбалы

Тагъд æххуысы дохтырты ныхæстæм гæсгæ, уый рынчындонмæ æрбахаудта клиникон мæлæты уавæры, травмæтæ разындысты тынг уæззау.

Слестгæнæн комитеты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй абон скъуыддзаг æрцæудзæн, цы мадзæлттæ ист æрцæудзысты ФПС-ы кусæджы ныхмæ, кæцы фæнадта йæ цардæмбалы зæрдæхсайындзинады тыххæй.

"Слестгæнæн органтæ æрдомдтой уый ахæсты бакæнын", — дзырдæуы СК пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.

18 июлы Доваторы проспекты хæдзæрттæй иуы фатеры, хылы рæстæджы азымгонд нæлгоймаг къахæй-къухæй фæнадта йæ 26-аздзыд цардæмбалы. Райсгæ цæфтимæ сылгоймаджы фæхæццæ кодтой Республикон клиникон рынчындоны реанимацион хайадмæ "Ӕхгæд сæрымагъзы травмæ. Сæрымагъзы уæззау цæф" диагнозимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0