Цæгат Иры расидтысты бирæгътыл цуан

Рафыссын
Цæгат Ирыстоны фылдæр кæны бирæгъты нымæц, уый æппæрццагæй æндавы хъæддаг сырдты æмæ хæдзарон фосы мыггагыл

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Бирæгъты стыр нымæцы фæдыл Цæгат Ирыстоны цæрджыты хъастытæ хынцгæйæ республикæй территорийыл ацæудзæн тугдзых сырдтыл стыр цуан, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны æрдзон ресурсты министрады пресс-службæ. Уый фæдыл æмбæлон барамынд сарæзта æрдзон ресурсты министр Мамиты Чермен 28 декабры.

Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны конд ӕрцыд тугдзых сырдтыл цуаны сезон

Цæгат Ирыстоны фæстаг æзты бирæгъты мыггаг куыд рæзы, афтæ фылдæр кæны цы зиан хæссынц, уый дæр.

"Масштабон цуан цæудзæн паддзахадон цуаныл цæстдарды хайады хъусдарды бын. Ныфс нæ ис, ацы мадзæлтты фæрцы фæкъаддæр уыдзысты тугдзых сырдтæ æмæ уый хыгъд хæдзарон фосмæ лæбурдты нымæц дæр фæкъаддæр уыдзæн", — загъта хайады сæрдар Битарты Артур.

Республикæй кусы бирæгъты ныхмæ тохы программæ, кæцыйы фæрцы премитæ фыст цæуын бирæгъ амарæг цуанонтæн. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, бирæгъты нымæц куыннæ фæкъаддæр уа, уæд нæ бантысдзæн саг æмæ сæгуытты мыггаг сбирæ кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0