Дзæуджыхъæуккаг экстремал рагæпп кодта къæдзæхæй Гасситы Мурæты цытæн

© facebook/Mikhail GassievГасситы Михаил
Гасситы Михаил - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экстремал систа йæ рагæпп видеойыл æмæ йæ ныммыхуыр кодтой социалон хызæджы Facebook

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы цæрæг Гасситы Михаил рагæпп кодта "тарзанка"-йæ æрва, IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ дунейы чемпион — Гасситы Мурæты уæлахизы цытæн.

Йæ рагæпп экстремал систа видеойыл æмæ йæ ныммыхуыр кодтой социалон хызæджы Facebook.

"Дортикос аздæхт фæстæмæ Кубæмæ, æз та ныртæккæ атæхдзæн уырдыгмæ", — загъта уый рагæппы размæ.

Гасситы Мурæт фæуæлахиз кубæйаг боксер Юниер Дортикосыл Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналы. Ныхмæлæуд ацыд Сочийы 3 февралы. Йæ IBF версимæ гæсгæ титулмæ Ирыстонæй чемпион бафтыдта WBA версимæ гæсгæ дунейы чемпионы титул.

Ног хабӕртты лентӕ
0