Стыр Уæлахизæн нывонд дугътæ ацæудзысты Беслæны ипподромы

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæКонно-спортивные соревнования
Конно-спортивные соревнования - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг муниципалон баиугæндты хистæртæн бахæс кодта саразын мадзæлттæ бæрæгбоны цытæн

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Беслæны ипподром, кæцы скуыста ивгъуыд азы 13 азы бастады фæстæ, ауадздзæн дугътæ Стыр Уæлахизы цытæн, хъусын кæны газет "Слово". Мадзалы тыххæй загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ æмбырды рæстæджы.

Ӕмбæлон хæслæвæрд райста Рахизфарс районы хистæр.

"Хуыцаубон 13 нымæцы фаронау ауадзут бæхты дугътæ ", — загъта уый.

Скачки на лошадях - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры дæсны барджытæм сидынц бæхты дугътæм

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг муниципалон баиугæндты хистæртæн бахæс кодта саразын мадзæлттæ бæрæгбоны цытæн, æппæт мемориалтæ æмæ цыртытæ æмбæлон уагмæ æркæнын.

"Ӕрмæст парад саразын нæ хъæуы, фæлæ ма хъæуы саразын æндæр мадзæлттæ дæр, се ʻхсæн "Ӕнæмæлгæ полк". Ацы бонмæ хъуамæ уагмæ æркæнæм СФХ-ы æппæт цыртытæ", — загъта Битарты Вячеслав.

Уый ма бафтыдта, цыртытæм хъусдард кæй хъуамæ уа, цæры районы исчи æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0