Трагеди Хъазбеджы: Цӕгат Ирыстоны хӕхты амард альпинист

CC0 / Jazzanova / Mount KazbekХъазбеджы хох
Хъазбеджы хох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авд альпинисты ӕххӕст кодтой хӕрдмӕцыд Хъазбегмӕ – иу дзы фӕмард, йӕ рӕуджытӕ кӕй срӕсыдысты, уый аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Хъазбеджы хохмӕ хӕрдмӕцыд ӕххӕстгӕнӕг альпинисттӕй иу амард, йӕ рӕуджытӕ кӕй арӕсыдысты, уый тыххӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон Уавӕрты министрад (УУМ).

"Альпинист амард, йӕ рӕуджытӕ кӕй срӕсыдысты, уый тыххӕй. Ирвӕзынгӕнджыты къорд нырма дӕр ӕххӕст кӕны хӕрдмӕцыд боныгъӕды зын уавӕрты тыххӕй", — бафтыдтой уагдоны.

Рязанӕй альпинистты къордӕй иу йӕхи ӕвзӕр кӕй хаты, уый тыххӕй хъусинаг ирвӕзынгӕнджытӕ райстой бон раздӕр. Боныгъӕды взӕр уавӕрты тыххӕй УУМ кусджытӕн нӕ рауад спайда кӕнын авиацийӕ, банысан кодтой уагдоны. Ирвӕзынгӕнджыты къорд, кӕцы ацыд туристтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, нырма дӕр ӕххӕст кӕны хӕрдмӕцыд. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, бахӕццӕ уыдзысты альпинисттӕм къуырисӕры, 18 июны.

Туристты къорд ис 3,5 мин метр бӕрзӕндыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0