"Реванш": Дзæуджыхъæуы равдисдзысты Рæмонаты Сосланыл киноныв

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæБорец Сослан Рамонов.
Борец Сослан Рамонов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лентæ дзурдзæн хъæбысхæцæджы спортивон хъысмæт æмæ Олимпмæ балцыл

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Дзæуджыхъæуы ацæудзæн олимпиаг чемпион Рæмонаты Сосланыл ист кинонывы премьерон равдыст, хъусын кæны газет "Слово".

Дзудцаты Мæдинæйы документалон лентæйы премьера ацæудзæн кинотеатр "Дружба"-йы. Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, кино сисыны хъуыды йæм фæзынд иу азы размæ, уый "бацымыдис кодта спортсмены æнтыст".

"Фæндыд нæ равдисын Рæмонаты Сосланы спортивон хъысмæт, æмбæрстам æй, уый уыд вазыгджын æмæ зын. Фильм фенгæйæ адæм бирæ ногдзинæдтæ базондзысты спортсмены тыххæй. Сосланæн царды уыд бирæ къуыхцыдзинæдтæ, кæцыты фæстæ иу ногæй слæууыд йæ къахыл, уыимæ иумæ бирæтæ нæ уыдтой уым фидæны спортсмены", — фыссы режиссеры ныхæстæ газет.

Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Хъайтарты дугътæ": Рæмонаты Сослан хайад исы Фыццаг каналы ног проекты

Дзудцаты Мæдинæ банысан кодта, сæ хъæппæрис уайтагъд кæй фæцыд Сосланы зæрдæмæ. Киноныв ист цыд æрдæг азы бæрц, фылдæр бæрцæй Ирыстоны. Архайынц дзы дыууæ хатты олимпиаг чемпион Хæдæрцаты Махарбег, ӔЦСК сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Мæргъиты Анатолий, дунейы чемпион Цæболты Хетæг, уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Аниуар Гедуев æмæ якутскаг богал Виктор Лебедев.

Фильм фендзысты 13 июлы "Дом кино"-йы кæйдæриддæр бафæнда, уыдон. Уый фæстæ та фæзындзæн интернеты.

Ног хабӕртты лентӕ
0