Сӕрды хъулӕттӕ: Цӕгат Иры ӕнтӕфы раивдзысты тӕрккъӕвдатӕ

© Sputnik / Natalia Seliverstova /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстоны фехъусын кодтой боныгъӕды февзӕры тыххӕй
Цӕгат Ирыстоны фехъусын кодтой боныгъӕды февзӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боныгъӕды февзӕры фӕдыл УУМ бафӕдзӕхстой, республикӕйы цӕугӕдӕтты доны ӕмвӕзад кӕй схиздзӕн

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фехъусын кодтой боныгъӕды февзӕры тыххӕй. Цӕгатирыстойнаг Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы банысан кодтой, ӕввахс дыууӕ боны республикӕйы территорийыл кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм, ихуардмӕ ӕмӕ тыхдымгӕтӕм.

"Синоптикты информацимӕ гӕсгӕ, 13 ӕмӕ 14 июлы республикӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм, ихуардмӕ ӕмӕ тыхдымгӕтӕм 20-25 м/с. Цӕгат Ирыстоны ирвӕзынгӕнджытӕ сидынц адӕммӕ, цӕмӕй уой арӕхстджын ӕмӕ хъусдараг", — банысан кодтой уагдоны.

Боныгъӕды февзӕры фӕдыл уагдоны бафӕдзӕхстой, республикӕйы цӕугӕдӕтты кӕй схиздзӕн доны ӕмвӕзад. Цӕгат Ирыстоны хӕхты гӕнӕн ис ӕрцӕуой чысыл цъыфы зӕйтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0