Цӕгат Иры ссардтой фесӕфӕг сывӕллоны Екатеринбургӕй

© Sputnik / Юрий Кавер /  Ахизын медиабанкмæХъӕд, архивон къам
Хъӕд, архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лӕппуйы ссардтой бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ хъӕдгӕстӕ дыццӕджы 5 сахатыл райсомӕй

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Ӕхсӕзаздзыд екатеринбуйраг сывӕллоны, кӕцы фесӕфт знон Цӕгат Ирыстоны Алагиры районы, ссардтой удӕгасӕй хъӕды, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕ.

Лӕппуйы ссардтой бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ хъӕдгӕстӕ дыццӕджы 5 сахатыл райсомӕй. Ныртӕккӕ йе 'нӕниздзинадӕн ницы тас ис.

"Агуырды хайад истой уӕлвӕткон уагдоны кусджытӕ, республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕ. Сывӕллоны ссардтой, куы сбон ис, уӕд. Уый бадт бӕласы цур. Уайтагъд ӕй аластой рынчындонмӕ басгӕрстмӕ", — банысан кодтой уагдоны.

Ӕхсӕзаздзыд Тамерлан Абдулаев фесӕфт знон бонӕй Алагиры автовокзалы районы. Ӕнхъӕлдтой, сывӕллон кӕй ацыд хъӕдмӕ. Агуырд фӕзын ис, уымӕн ӕмӕ сывӕллон у рынчын Сывӕллӕты церебралон параличӕй, ӕвзӕр дзуры ӕмӕ хъусы.

Ног хабӕртты лентӕ
0