Мыггаджы сфӕлдыстад: РХИ банымады юбилеймӕ Дзӕуджыхъӕуы бакӕндзысты равдыст

© Sputnik / Наталья АйриянСаулаты Валерий
Саулаты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Саулаты дыккаг равдысты хайад райсдзысты мыггаджы 14 минӕвары, кӕцытӕ равдисдзысты сӕ куыстытӕ аивады алыгъуызон здӕхтыты

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Уалыты Диана. Саулаты мыггаджы дыккаг сфӕлдыстадон равдыст байгом уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы 1 августы. Мадзал уагъд ӕрцӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны нывгӕнджыты Цӕдисы равдыстыты залы ӕмӕ уыдзӕн нывонд Хуссар Ирыстоны банымады дӕсӕм юбилей ӕмӕ ирон адӕмы Х уанелы цытӕн.

Равдысты автор Саулаты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, равдысты сӕ куыстытӕ бавдисдзысты мыггаджы 14 минӕвары.

Цхинвалы цыт кодтой хæдахуыр къамисджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хорзæхтæ æмæ равдыст: Цхинвалы цыт кодтой хæдахуыр къамисджытæн

"Экспозицийы хайад райсдзысты архитектортӕ, нывгӕнджытӕ, дизайнертӕ, къамисджытӕ ӕмӕ Саулаты мыггагӕй ӕндӕр сфӕлдыстадон професситы минӕвӕрттӕ. Проекты фӕлгӕтты равдисдзысты хуызфыссынад, графикӕ, архитектурӕ, интерьеры дизайн, аивадон къам, дурынгӕнӕг ӕмӕ ӕндӕр здӕхтыты аивад. Рауайдзӕн алыгъуызон ӕмӕ егъау композици", — радзырдта Sputnik Саулаты Валерий.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, дыууӕкъуырион равдысты фӕстӕ Цӕгат Ирыстоны столицӕйӕ организатортӕ нывӕндынц ӕрласын сӕ куыстытӕ Цхинвалмӕ дӕр. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ ныридӕгӕн зонгӕ сты Саулаты Валерийы сфӕлдыстадимӕ, кӕцы равдыста йӕ куыстытӕ фарон зымӕджы къамты равдыст "Хъырым-Ирыстоны"  рӕстӕджы.

Проект "Саулаты мыггаджы дыккаг сфӕлдыстадон равдыст" ӕвдисынц Саулаты мыггаджы совет, РХИ минӕварад Уӕрӕсейы ӕмӕ РЦИ-Аланийы нывгӕнджыты Цӕдис республикӕйы культурӕйы министрад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон змӕлд "Ирӕтты Уӕлдӕр Совет"-ы координацион совет ӕмӕ фонд "Арт-Кавказ"-ы ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0