Дзæуджыхъæуккаг этномодельеры раразмæ кодтой Къостайы премимæ

© Facebook.Цӕгатирыстойнаг дизайнер Годжысаты Изольда
Цӕгатирыстойнаг дизайнер Годжысаты Изольда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Этномодельер Годжыцаты Изольдæ йæ коллекцийыл куыста 15 азы дæргъы, уый конд у алайнаг æмæ цæгаткавказаг адæмты костюмтæй

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Цæгатирыстойнаг этномодельер Годжыцаты Изольдæйы национ этнографион костюмты коллекци "Рагон аивады ног рæстæг" балæвæрдæуыд Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премимæ литературæ æмæ аивады къабазы, хъусын кæны "15-æм Регион".

Сфæлдыстадон кусæджы коллекци премимæ раразмæ кодта Цæгат Ирыстоны сæудæджерад æмæ транспорты министрад.

"Мах уагдон йæ уынаффæ рахаста Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми дæттæг Къамисы рæгъмæ. Мæ нымадæй, Годжыцаты Изольдæ Ирыстоны æмæ Кавказы адæмты культурæмæ егъау бавæрæн бахаста", — хъусын кæны сайт министр Хайдарбек Бутовы ныхæстæ.

Цӕгатирыстойнаг дизайнер Годжысаты Изольда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Годжысаты Изольда ссис Националон дарӕсы модæйы æхсæнадæмон конкурсы лауреат

Годжыцаты Изольдæ йæ коллекци "Рагон аивады ног рæстæг"-ыл куыста 15 азы дæргъы, уый конд у алайнаг æмæ Цæгат Кавказы адæмты костюмтæй. Алайнаг костюмтæ арæзт æрцыдысты археологон дарæсы эскизтæм гæсгæ. Коллекцийы кæцыдæр элементтæ ноггонд æрцыдысты историон литературæйы руаджы. Куысты рæстæджы пайдагонд æрцыдысты: национ орнаментты рагон хæрдгæхуыды техникæ, 19-æм æнусы згъæрæхца æмæ фæлындæнтæ.

Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми литературæ æмæ аивады къабазы лæвæрд æрцæудзæн ацы аз кæрон.

Ног хабӕртты лентӕ
0