Сланты Виталий Дзӕуджыхъӕуы турниры тыххӕй: нӕ спортсментӕ сты иттӕг хорз цӕттӕ

© FacebookСланты Виталий
Сланты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер радзырдта Дзӕуджыхъӕуы ӕхсӕнадӕмон турнирмӕ ирон боксерты цӕттӕкӕнынады тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Ирон боксертӕ-профессионалтӕ фесты сӕ цӕттӕкӕнынады сӕйраг этап ӕхсӕнадӕмон турнирмӕ Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрад.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сланты Виталий: Ирыстоны алы сывæллон дæр у потенциалон чемпион

Турнир, цы ран хайад райсдзысты авд бӕстӕйӕ спортсмены, ацӕудзӕн 12 сентябры Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ресторан "Дендрарий"-ы. Рингмӕ рахиздзысты Уӕрӕсе, Китай, Азербайджан, Сомих, Украина, Камерун ӕмӕ Ираны минӕвӕрттӕ.

Афтӕ ма мадзалы хайад райсдзысты ирон боксы скъолайы минӕвӕрттӕ дӕр: Тадтаты Сӕрмӕт, Хетӕг Моуравов, Хуыгаты Алан ӕмӕ Чилӕхсаты Таир, кӕцытӕ фесты дыууӕкъуырион спаррингтӕ клуб "Ариана"-йы.

"Спаррингтӕ уагътам дыууӕ бон иу хатт. Нӕ спортсментимӕ спарринг кодтой Украина, Сомих ӕмӕ Уӕрӕсейы регионтӕй боксертӕ. Тохтӕй дыууӕ къуыри раздӕр мах фӕкъаддӕр кодтам уаргъӕвӕрд, цӕмӕй нӕ боксертӕ травмӕтӕ ма райсой", — радзырдта Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер боксӕй Сланты Виталий.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, турниры ирон хайадисджытӕ 12 сентябры уыдзысты иттӕг хорз цӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0