Цæгат Иры Тагаураг комы фæзынд Уастырджыйы фæлгонц

© Северо-Кавказские новостиВ Тагаурском ущелье Северной Осетии появился образ Уастырджи
В Тагаурском ущелье Северной Осетии появился образ Уастырджи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Самарайаг нывгæнджытæ дарддæр дæр фæнд кæнынц Нарты кадджыты мотивтыл куыст адарддæр кæнын иннæ аз

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны цæрæг Уарзиаты Ӕхсар самарайаг нывгæнджытимæ иумæ сныв кодтой Уастрыджыйы Тагаураг комы къулыл, хъусын кæны SK-News.

РХИ паддзахадон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг Уастырджи: театры фрескæты алыварс рауад хъаугъа

Нарты эпосы хъайтары ныв, кæцыйæн сæхи фæдзæхсынц нæлгоймæгтæ, бæлцæттæ æмæ æфсæддонтæ, къулыл скæныны хъæппæрис фæзынд Уарзиаты Ӕхсармæ цалдæр азы размæ. Уæд комы айгæрстой ног фæндаг, кæцы балыг кодтой хохыл.

Самарайаг нывгæнджытæ, кæцытæн Уарзиаты Ӕхсар æххуыс кодта Ирыстоны балц кæнын, балæууыдысты йæ хъæппæрисы фарс æмæ къуырийы æмгъуыдмæ Уастырджыйы ныв бæхыл фæзынд Тагаураг комы къулыл.

"Ацы рæстæг мах цас бузныджы ныхæстæ фехъуыстам, бæлццæттæм иу цы уыд, уымæй нæ фысым кодтой æмæ нын дзырдтой "Бузныг, цы нын аразут уый тыххæй", — загъта нывгæнджытæй иу Ольга Малькова.

Самарайаг нывгæнджытæ дарддæр дæр фæнд кæнынц Нарты кадджыты мотивтыл куыст адарддæр кæнын иннæ аз.

Ног хабӕртты лентӕ
0